Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Уыдон уыдысты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ, уазлӕггад кодтой сӕ Хуыцауӕн, архайдтой сыгъдӕг кӕныны хъуыддӕгты, Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕй куыд фӕдзӕхст уыди, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:45
5 Iomraidhean Croise  

Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.


Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.


Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ уӕ мачи бацӕуӕд, сауджынтӕ ӕмӕ, лӕггад сын чи кӕны, уыцы левиттӕй уӕлдай. Уыдонӕн ӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой. Иннӕ адӕм иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕнт Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ лӕууӕнт ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan