Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:44
17 Iomraidhean Croise  

Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.


Иннӕ левиттӕ, се ’рвадӕлтӕ, сӕ цӕст дардтой Хуыцауы хӕдзары хӕзнатӕм, уыимӕ уаз хӕзнатӕм дӕр.


Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Ноджы ма нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггадгӕнӕг сауджынты къухмӕ хъуамӕ, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, раттӕм нӕ хистӕр фыртты, стӕй нӕ стурвос ӕмӕ фысвосы сӕртӕ.


Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!


Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».


лӕггадгӕнӕджы курдиат кӕмӕ ис — лӕггад кӕнӕд; ахуыргӕнӕг чи у — ахуыр кӕнӕд иннӕты;


уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan