Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уӕд ӕз Иудейы хицӕутты ахуыдтон сисы сӕрмӕ. Зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къорды цӕуынӕввонг ӕрлӕууын кодтон. Къордтӕй иу сисы сӕрты араст рахизӕрдӕм, Фаджыскалӕн кулдуары ’рдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:31
8 Iomraidhean Croise  

Давид уынаффӕ кодта миныхицӕуттимӕ, сӕдӕйыхицӕуттимӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ раздзӕуджытимӕ.


Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.


Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.


Йӕ фӕстӕ араст сты Хошаи ӕмӕ Иудейы хицӕуттӕн се ’мбис,


Зарӕггӕнджыты дыккаг къорд сисыл цыди сӕ ныхмӕ, сӕ фӕдыл та адӕмы иннӕ хаимӕ цыдтӕн ӕз: Пецы мӕсыджы рӕзты Фӕтӕн сисы онг.


Уый фӕстӕ зарӕггӕнджыты дыууӕ къорды дӕр Хуыцауы хӕдзары раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — ӕз, хицӕуттӕн се ’мбис


Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan