29 Бет-Гилгал, Гевӕ ӕмӕ Азмаветы быдыртӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы зарӕггӕнджытӕ ӕрцардысты Йерусалиммӕ хӕстӕг.
Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.
Азмаветӕй рацӕуджытӕ — цыппор дыууӕ;
Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,
Зарӕггӕнджыты хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕрбамбырд сты Йерусалимы зылд ӕмӕ Нетофы хъӕутӕй;
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр ссыгъдӕг кодтой, ссыгъдӕг кодтой кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул дӕр.
Уымӕй уӕлдай ма базыдтон, левиттыл сӕ хай кӕй нӕ сӕмбӕлы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ левиттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕй алчи ам лӕггад кӕныны бӕсты йӕ хуымы куыст бакӕнынмӕ кӕй азгъордта, уый.
Бет-Азмаветы цӕрджытӕй — цыппор дыууӕ;
Рама ӕмӕ Гевӕйы цӕрджытӕй — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу;
(Уыцы хӕхтӕ Иорданы фале сты, ныгуылӕнмӕ фӕндагыл, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы ханаанӕгты бӕстӕйы, Гилгалы бакомкоммӕ, Морейы тулдзты цур.)
Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ раздӕхти Гилгалмӕ, сӕ рӕсӕнуатмӕ.
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: Гивон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гевӕ йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ,
Уый фӕстӕ Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мысыры худинаджы уаргъ уын абон уӕ рагъӕй систон». Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат схуындӕуыди Гилгал.