Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 12:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 12:27
34 Iomraidhean Croise  

Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.


Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй.


ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.


Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


Фӕдзырдта Аароны байзӕддӕгтӕм ӕмӕ левиттӕм:


Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.


Хевроны байзӕддӕгтӕн сӕ сӕргъы лӕууыд Йериа. Давиды паддзахдзинады дыууиссӕдзӕм аз ӕркастӕуыд Хевроны артӕй рацӕуӕг мыггӕгтӕм, ӕмӕ дзы Галаады сахар Йазеры разынди сӕрӕн лӕгтӕ.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.


Израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр райгӕ скуывтой Хуыцауы хӕдзарӕн.


Иннӕ израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ цардысты Иудейы ӕппӕт сахарты, алчи — йӕхи зӕххы хайыл.


Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.


Уацарӕй ӕрбаздӕхӕг адӕмы дзырддзӕугӕтӕ халагъудтӕ сарӕзтой ӕмӕ халагъудты цардысты. Сӕ цинӕн кӕрон нал уыди, уымӕн ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы бонтӕй уыцы боны онг израилӕгтӕ афтӕ никуыуал бакодтой.


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan