9 Зихрийы фырт Иоел сын уыди хицау, Сенуайы фырт Иудӕ та уыди сахары дыккаг адӕймаг.
Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Саллу. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Мешуллам, Ходави, Сенуа.
Сауджынтӕ: Иедайа, Иоаривы фырт, Йахин,
Йерусалимы левитты хистӕр уыди Уззи, Банийы фырт, Хашавиайы фырт, Маттаниайы фырт, Михайы фырт. Уый уыдис Асафы байзӕддаг, уазлӕггады рӕстӕг Хуыцауы хӕдзары заргӕ чи кодта, уыдоны мыггагӕй.
Йӕ фӕстӕ та — Габбай ӕмӕ Саллай. Ӕдӕппӕтӕй — фарастсӕдӕ дыууын аст.
Ицхары фырттӕ: Корах, Нефег, Зихри.