7 Бениамины байзӕддӕгтӕ: Саллу, Мешулламы фырт, Иоеды фырт, Педаиайы фырт, Колайы фырт, Маасеайы фырт, Итиелы фырт, Йесаиайы фырт,
Хананиайы фырттӕ: Пелатиа, Исайа, Рефайа, Арнан, Овади, Шехани.
Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы.
Парецы байзӕддӕгтӕй Йерусалимы ӕдӕппӕтӕй царди цыппарсӕдӕ ӕхсай аст нымад адӕймаджы.
Йӕ фӕстӕ та — Габбай ӕмӕ Саллай. Ӕдӕппӕтӕй — фарастсӕдӕ дыууын аст.