5 ӕмӕ Маасеа, Барухы фырт, Кол-Хозейы фырт, Хазаиайы фырт, Адайайы фырт, Иоаривы фырт, Захариайы фырт, Шелайы фырт.
Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы рӕстӕг Иудӕ уыди Кезивы.
Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕ: Лехайы фыд Ер ӕмӕ Марешайы фыд Лада; стӕй Бет-Ашбеайаг мыггӕгтӕ, лыстӕг гӕнӕй хъуымӕцтӕ уафджытӕ;
Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхтысты йӕ хистӕр зӕнӕг Асайа ӕмӕ йӕ фырттӕ.
Йерусалимы цардысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгтӕ. Иудӕйы цотӕй: Атаиа, Узийайы фырт, Захариайы фырт, Амариайы фырт, Шефатийы фырт, Махалаелы фырт, Парецы байзӕддӕгтӕй,
Парецы байзӕддӕгтӕй Йерусалимы ӕдӕппӕтӕй царди цыппарсӕдӕ ӕхсай аст нымад адӕймаджы.
Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.
Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг.