32 Анатоты, Новы, Ананиайы,
Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,
Хацоры, Рамайы, Гитаимы,
Анатоты цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын аст;
Хъӕрахст кӕн, Галлимы сахар! Хъус ӕм, Лаеша! Бафӕзм ӕй, Анатот!
Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй.
Анатот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Алмон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары.
Давид ӕрхӕццӕ ис Новы сахармӕ, сауджын Ахимелехмӕ. Ахимелех тарстхуызӕй йӕ размӕ рауад ӕмӕ йӕ афарста: «Иунӕг цӕмӕн дӕ, демӕ куыд ничи ис?»
Давид Ахимелехӕн дзуапп радта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын загъта: „Цӕмӕ дӕ ’рвитын ӕмӕ дын цы фӕдзӕхсын, уый мачи базонӕд“. Мӕ адӕмы та бӕрӕг ранмӕ барвыстон.
Саул карды амӕттаг бакодта сауджынты сахар Нов дӕр: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сабийӕ, дзидзидайӕ, галӕй, хӕрӕгӕй ӕмӕ фысӕй — се ’ппӕты дӕр ныццагъта.