Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 11:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 11:31
14 Iomraidhean Croise  

Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.


Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.


Заноахы, Адулламы ӕмӕ сӕ алыварс хъӕуты, Лахишы ӕмӕ йӕ алывӕрсты, Азекайы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты ӕрбынат кодтой Беер-Шевӕйӕ Хинномы дӕлвӕзы онг.


Анатоты, Новы, Ананиайы,


Бет-Гилгал, Гевӕ ӕмӕ Азмаветы быдыртӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы зарӕггӕнджытӕ ӕрцардысты Йерусалиммӕ хӕстӕг.


Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ, Мигроны уылты ацыдысты, Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,


Уырдыгӕй арӕн бацыди Лузы (ома Вефилы) сахары ’рдӕм, йӕ хуссарварсмӕ, ӕмӕ ӕрхызти Атрот-Аддармӕ, Дӕллаг Бет-Хоронӕй хуссарӕрдӕм цы хох уыди, уымӕ.


Бет-Аравӕ, Цемараим, Вефил,


Кефар-Аммони, Офни ӕмӕ Гевӕ — дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Афтӕмӕй сӕ арвыста Йешуа ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты Вефилӕй Гайы ’хсӕн, сахарӕн йӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй фарс. Йешуа та бахсӕвиуат кодта йе ’фсады иннӕ хаимӕ.


Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan