30 Заноахы, Адулламы ӕмӕ сӕ алыварс хъӕуты, Лахишы ӕмӕ йӕ алывӕрсты, Азекайы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты ӕрбынат кодтой Беер-Шевӕйӕ Хинномы дӕлвӕзы онг.
Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.
Адон сты Измаелы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.
Паддзах Иосиа фӕчъизи кодта, Хинномы байзӕддӕгты дӕлвӕзы цы кувӕн къуыбыр уыди, Тофет, зӕгъгӕ, уый дӕр, цӕмӕй уым Молохӕн арты нывондӕн мачи хӕсса йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы.
Ен-Риммоны, Цорайы ӕмӕ Йармуты,
Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,
Дӕлвӕзы Кулдуар самадтой Ханун ӕмӕ заноахӕгтӕ, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой. Уымӕй уӕлдай ма къулӕй ноджыдӕр мин ӕлмӕрины — Фаджыскалӕн кулдуары онг — самадтой.
Ассирийы паддзахы сӕйраг уырдыгыстӕг аздӕхти фӕстӕмӕ, ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта Ливнӕйы сахары ныхмӕ хӕцгӕйӕ.
ӕмӕ ацу Хинномы фырты дӕлвӕзмӕ, Дурынгӕнӕджы кулдуары фалемӕ. Уыцы ран Мын Мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн:
Уымӕ гӕсгӕ ралӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы зӕхх Тофет кӕнӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф.
Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»
Марешайы цӕрӕг, тыхгӕнӕджы дӕм ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ суанг, Израил сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы Адулламы онг ныххӕццӕ уыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Йерусалимы паддзах Адони-Цедек Хевроны паддзах Хохаммӕ, Йармуты паддзах Пираммӕ, Лахишы паддзах Йафиамӕ ӕмӕ Еглоны паддзах Девирмӕ фӕфӕдис:
Ливнӕйы паддзах, Адулламы паддзах,
Лахиш, Боцкат, Еглон,
Дарддӕр ахызт йевусӕгты (ома Йерусалимы) къуылдымыл, хуссарварс Хинномы фырты дӕлвӕзыл, ӕмӕ схызти, Хинномы дӕлвӕзы ныгуылӕнӕрдыгӕй цы хох ис, уый сӕрмӕ (уыцы хох лӕууы Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс).
Уырдыгӕй арӕн ӕрхызти Хинномы фырты дӕлвӕзы акомкоммӕ ӕмӕ, Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс цы хох ис, уый фахсмӕ. Стӕй Хинномы дӕлвӕзыл ӕрхызти йевусӕгты къуылдымы хуссарварсмӕ ӕмӕ фӕуырдыг кодта Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ.