Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 11:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 11:17
15 Iomraidhean Croise  

Мефивошетӕн уыди фырт, нырма чысыл лӕппу, йӕ ном — Миха. Цивайы хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггад кодтой Мефивошетӕн.


Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад.


Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!»


ноджы ма Бакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Маттаниа, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Миха, Зихри, Асаф,


Заккур, Шеревиа, Шеваниа,


ӕмӕ Шабтай ӕмӕ Йозавад — Хуыцауы хӕдзары ӕдде цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдон ӕххӕстгӕнӕг левитты хистӕртӕй,


Сыгъдӕг сахары левиттӕй ӕдӕппӕт уыди дыууӕсӕдӕ ӕстай цыппар.


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


Маттаниа, Бакбукиа, Овадиа, Мешуллам, Талмон, Аккув — хъахъхъӕнджытӕ, кулдуӕртты раз ӕфснайӕн бынӕтты хъахъхъӕнджытӕ.


Уӕд ӕз Иудейы хицӕутты ахуыдтон сисы сӕрмӕ. Зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къорды цӕуынӕввонг ӕрлӕууын кодтон. Къордтӕй иу сисы сӕрты араст рахизӕрдӕм, Фаджыскалӕн кулдуары ’рдӕм.


Уымӕн ӕмӕ раджы, Давиды ӕмӕ Асафы рӕстӕджыты, амынд ӕрцыдысты зарӕггӕнджыты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы стыд ӕмӕ арфӕйы зарджытӕ.


Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan