Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 10:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 10:39
12 Iomraidhean Croise  

Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Уӕд Езекиа бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕбицтӕ ӕрцӕттӕ кӕной, ӕмӕ йын сӕххӕст кодтой йӕ бардзырд.


Хуынтӕ иууылдӕр, алы исбоны дӕсӕймаг хӕйттӕ ӕмӕ, цы снывонд чындӕуыд, уыдӕттӕ уырдӕм хаст ӕрцыдысты. Сӕйраг уагдар сын уыди левит Конани, йӕ хӕдивӕг та — йе ’фсымӕр Шими. Уыдоны дӕлбар паддзах Езекиа ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны уагдар Азариа цӕстдарджытӕй сӕвӕрдтой Йехиел, Азазиа, Нахат, Асаел, Иеримот, Йозавад, Елиел, Исмахиа, Махат ӕмӕ Бенайайы.


Зоровавелы рӕстӕг ӕмӕ Неемиайы рӕстӕг израилӕгтӕ иууылдӕр зарӕггӕнджытӕн ӕмӕ дуаргӕстӕн лӕвӕрдтой сӕ боны хардз, левиттӕн сӕ уаз хай лӕвӕрдтой, левиттӕ та дзы хай кодтой Аароны фырттӕн.


«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут.


Зӕгъ левиттӕн: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай куы рахицӕн кӕнат, уӕд уын сахаддзӕн куыд мусы бӕркад, куыд сӕндуцӕны бӕркад.


Дӕ хоры сӕртӕ, дӕ сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ фысвосы сӕртӕ, снывонд кӕныны охыл цӕмӕйдӕриддӕр дзырд радтай, бархийы нывонд уа ӕви хуын, бахӕрыны бар дын ӕй нӕй дӕ сахары.


Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan