Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 10:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 10:37
23 Iomraidhean Croise  

Иудейы сахарты израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй чи царди, уыдон дӕр сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ сӕмбӕлын кодтой стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй, стӕй Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, кӕй снывонд кодтой, ӕппӕт уыцы уаз дзауматӕй, ӕмӕ бирӕ кӕритӕ самадтой.


Уымӕй уӕлдай ма базыдтон, левиттыл сӕ хай кӕй нӕ сӕмбӕлы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ левиттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕй алчи ам лӕггад кӕныны бӕсты йӕ хуымы куыст бакӕнынмӕ кӕй азгъордта, уый.


Уыйадыл иудейӕгтӕ иууылдӕр хор, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ къӕбицтӕм хӕссын райдыдтой.


рахицӕн кодта стыр уат; уӕды онг дзы ӕфснайдтой хойраджы хуынтӕ, буд ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, ноджы ма левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы хойраг хауди, уый, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, стӕй, сауджынтӕн кӕй хастой, уыцы хуынтӕ.


Бафӕдзӕхстон, агъуыст сыгъдӕггонд куыд ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы галуаны мигӕнӕнтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ буд фӕстӕмӕ уырдӕм хаст куыд ӕрцӕуой, афтӕ.


уӕд уӕ фыццаг зӕнӕг кӕддӕриддӕр у Дунедарӕджы. Уӕ фосы фыццаг зӕйц, сӕ нӕлтӕ, Дунедарӕджы сты.


«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».


Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.


Дӕу у, адӕймагӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, Дунедарӕгӕн нывонд кӕй кӕнынц, уыцы фыццаг цӕуӕт. Адӕймаджы фыццаг зӕнӕджы балхӕнын ӕмбӕлы, ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕты дӕр афтӕ.


Фыдызгъӕл та — дӕхи, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кӕнынц, уыцы кӕразимаг у дӕхи, стӕй кусарты рахиз сгуы дӕр афтӕ.


Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.


Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.


Дӕ хуымы тыллӕгӕн-иу ӕрвылаз йӕ дӕсӕймаг хай рахицӕн кӕн


Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты.


уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan