36 Ноджы ма нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггадгӕнӕг сауджынты къухмӕ хъуамӕ, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, раттӕм нӕ хистӕр фыртты, стӕй нӕ стурвос ӕмӕ фысвосы сӕртӕ.
Адӕмӕн уыцы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд израилӕгтӕ сӕ тыллӕджы сӕртӕй бирӕ хуынтӕ ӕрбахастой: хор, сӕн, оливӕйы сой, мыд, хуымты алы бӕркад — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.
Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.
рахицӕн кодта стыр уат; уӕды онг дзы ӕфснайдтой хойраджы хуынтӕ, буд ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, ноджы ма левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы хойраг хауди, уый, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, стӕй, сауджынтӕн кӕй хастой, уыцы хуынтӕ.
«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.
Уӕ фосы фыццаг зӕйцӕн — стурвосӕй уа ӕви лыстӕг фосӕй — йӕ алы нӕл дӕр Мӕн у.
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.
Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ.