35 Нӕхицӕн фӕткыл банымадтам алы аз дӕр нӕ хуымты бӕркад ӕмӕ дыргъы сӕртӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ хӕссын.
Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц».
Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.
— мӕнг сомы цӕйдӕриддӕр тыххӕй ракодта, уыдон иууылдӕр. Фиддоны нывонд ӕрхӕссыны бон фӕстӕмӕ алцыдӕр хицауӕн раттӕд ӕмӕ ма сӕм сӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд.
Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.
Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн.
Дӕхи мыггагмӕ, Левийы мыггагмӕ, фӕсид, цӕмӕй дӕ уӕлхъус уой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной, ды дӕ фырттимӕ Фембӕлды Цатыры раз лӕггад куы кӕнай, уӕд.
уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм.