Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 10:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ дзыллӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, нысангонд рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй суг кӕцы хъуамӕ ӕрбаласа нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, уый тыххӕй, цӕмӕй, Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ, арт судза Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 10:34
16 Iomraidhean Croise  

Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.


Фыццаг схаудта Йехоривы къорды хал, дыккаг — Иедайайы,


Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ.


Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.


Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!


Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ ’рхауы, уый растдӕр фӕзыны, цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не ’рбацӕуы ӕмӕ йӕ не ’рфӕрсы, уӕдмӕ.


Ливаны хъӕды бӕлӕстӕ фаг не сты Дунедарӕджы аккаг нывонд басудзынӕн, йӕ цӕрӕгойтӕ та — иууылсудзинагӕн.


Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ.


Дунедарӕджы раз-иу сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фынгыл дыууӕ рӕнхъӕй ӕрӕвӕр, алы рӕнхъы дӕр ӕхсӕз дзулы куыд уа, афтӕ.


«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.


Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.


Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan