Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 10:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 10:33
7 Iomraidhean Croise  

Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Уыцы фиддон-иу израилӕгтӕй райс ӕмӕ йӕ хардз кӕн Фембӕлды Цатыры лӕггады. Ӕмӕ уый фӕрцы Дунедарӕджы зӕрдыл лӕудзысты Израилы адӕм — уӕ царды аргъ фыст кӕй ӕрцыди, уый».


Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.


Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕссы, тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн ӕнӕпайда чи у, уыцы иу нывӕндтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan