32 Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:
Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».
Хӕстон ӕфтиагӕй-иу снывонд кодтой Дунедарӕджы хӕдзарӕн.
Уыцы бонты ӕз федтон: сабаты Иудейы сӕн дыгътой, куыристӕ ластой ӕмӕ хӕрджытыл сӕн, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ ӕндӕр уӕргътӕ ӕвӕрдтой. Сабаты ӕппӕт уыдӕттӕ Йерусалиммӕ ластой. Тӕккӕ уыцы бон сын ӕз карзӕй загътон, цӕмӕй сабаты мацы уӕй кӕной.
Уӕ фыдӕлтӕ дӕр, зӕгъын, раст афтӕ кодтой, ӕмӕ Хуыцау уымӕн сӕвӕрдта Йӕ бӕллӕх махыл дӕр ӕмӕ ацы сахарыл дӕр. Ныр сымах та сабат чъизи кӕнут ӕмӕ уымӕй ноджы тынгдӕр Хуыцауы мӕсты кӕнут уӕхимӕ.
Ӕз сын рагацау фӕдзӕхстон, дзӕгъӕлы ӕхсӕвиуат кӕнут къулы рӕбын, зӕгъгӕ. Искуы ма афтӕ куы бакӕной, уӕд тӕрхоны раз кӕй ӕрлӕудзысты, уымӕй сын зӕрдӕ бавӕрдтон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сабаты никуыуал ӕрбацыдысты.
Фӕлӕвӕрдтам сын ӕфстау — ӕз дӕр, ме ’фсымӕртӕ дӕр, мӕ кусджытӕ дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфстау фӕстӕмӕ мауал бадомӕм.
Ды сын бафӕдзӕхстай Дӕ уаз сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сын Дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты фехъусын кодтай Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Де ’гъдӕуттӕ.
фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр.
Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.