Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 10:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 10:29
38 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Йегу йӕ уды ӕппӕт хъарутӕ нӕ лӕвӕрдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уыйау Израилы адӕмы кодта тӕригъӕдты амӕттаг.


Уый фӕстӕ паддзах уым уӕлӕуӕз йӕ сӕрмагонд бынаты слӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсгомы раз сфидар кодта Фидыд — Дунедарӕджы коммӕ кӕй кӕсдзӕн, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ацы Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ууыл бафидыдтой.


Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.


Уый фӕстӕ паддзах йӕ бынаты ӕрлӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы раз сфидар кодта фидыд: Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн, зӕрдиагӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ Йын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, стӕй, Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон.


Уӕдӕ ныр, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, дӕ цагъар Давидӕн ма ноджы цы дзырд дардтай, уый дӕр сӕххӕст кӕн! Ды йын загътай: «Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой ӕмӕ дӕуау Ме ’гъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы Израилы паддзахы къӕлӕтджыны баддзысты».


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


Кувӕндоны кусджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты фырттӕ;


Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ.


Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой.


Израилы байзӕддӕгтӕ сӕхи ӕппӕт ӕцӕгӕлӕттӕй фӕхицӕн кодтой. Лӕугӕйӕ ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдӕлты фыдракӕндтӕ.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».


уӕд та-иу Йӕ зӕрдыл ӕрӕфтыди, кӕддӕр семӕ цы фидыд сарӕзта, уый ӕмӕ, бирӕбараг кӕй у, уый фӕрцы та-иу сын фӕтӕригъӕд кодта.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: Сӕндуцджыты хъӕлдзӕг зарӕджы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.


уӕларвон мӕргъты, денджызы кӕсӕгты, фурды ӕрфыты ӕппӕт змӕлджыты.


Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.


Зӕгъ сын: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: куынӕ Мӕм байхъусат ӕмӕ, кӕй уын радтон, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куынӕ цӕрат,


Ныр сымах ӕрфӕсмон кодтат ӕмӕ, Ӕз растыл кӕй нымайын, ахӕм хъуыддаг сарӕзтат Мӕ разы: алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры ссӕрибар кодта. Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы хӕдзары Мемӕ фидыд сфидар кодтат.


Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Уаз ут Мӕ разы, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уаз дӕн. Ӕз уӕ иннӕ адӕмтӕй фӕхицӕн кодтон, цӕмӕй уат Мӕн.


Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Ӕмӕ ацы ран карз ӕлгъыстӕй хъуамӕ фелгъита сауджын сылгоймаджы: „Ӕлгъыстаг дӕ фӕкӕнӕд Дунедарӕг, адӕмы ’хсӕн ӕмбисондӕн куыд баззайай, ӕддӕсывӕр, гуыбындымст куыд фӕуай!


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Фӕлӕ уыцы Ӕгъдауы домӕнтӕ сымахӕй ничи ӕххӕст кӕны. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ уыдысты Ареопагы уӕнг Дионисий, стӕй, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг ӕмӕ иннӕтӕ.


Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».


Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.


Моисей нын радта Ӕгъдау, Йаковы дзыллӕйы исбон.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan