Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 1:6
34 Iomraidhean Croise  

Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не ’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!


Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм уым ӕрфӕсмон кӕной, се ’ргом Дӕм раздахой ӕмӕ Дӕм скувой, фӕтӕригъӕдджын стӕм, фӕазымджын стӕм, фыдми ракодтам, зӕгъгӕ.


Ныр та ма ноджы Иудей ӕмӕ Йерусалимы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй уӕхицӕн цагъартӕ скӕнынмӕ хъавут! Фӕлӕ, ау, уӕхӕдӕг Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, аххосджын ницӕмӕй стут?


Нӕ фыдӕлтӕ галиу хъуыддӕгтыл бафтыдысты, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодтой, ныууагътой Йӕ, сӕхи Йын атигъ кодтой Йӕ Цӕрӕныл, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой.


О мӕ Хуыцау! Ацы бынаты Дӕм чидӕриддӕр скува, уыдонмӕ-иу ӕркӕс ӕмӕ-иу сӕ фехъус!


Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.


Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе ’ндӕрмыггаг устытӕй».


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.


Фыр адӕргӕй Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыд азарӕй бахызта:


Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.


Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.


Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!


Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!


О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы.


Афтӕ куывтон ӕз, фӕсмон кодтон мӕ тӕригъӕдтыл, хатыр куырдтон Израилы тӕригъӕдты тыххӕй. Мӕ Хуыцауы уаз хохы тыххӕй лӕгъстӕ кодтон Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн.


Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.


О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?


афтӕмӕй идӕдзӕй баззад ӕмӕ йыл ныр цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы рацыд. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ нӕ цыди, ӕхсӕвӕй-бонӕй, ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн.


Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ.


Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.


Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.


Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan