Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 1:4
22 Iomraidhean Croise  

Давид сабийы тыххӕй Хуыцаумӕ куывта, ком дардта, зӕххыл хаудӕй ӕрвыста йе ’хсӕв.


Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Соломон ӕрхуы уӕзӕг сарӕзта, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ кӕрты астӕу сӕвӕрдта. Ныр ӕм схызт, Израилы ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрзоныг кодта, йӕ къухтӕ уӕларвмӕ сивӕзта


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.


Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн,


Изӕры нывонд хӕссыны афон мӕ хъынцъымы бынатӕй сыстадтӕн, ӕддагӕй-мидӕггагӕй бызгъуыр чи фестади, мӕ уыцы дарӕсы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ, мӕ къухтӕ сивӕзтон:


Ӕз сын загътон: «Уӕларвон Хуыцау ныл рӕстаудӕн кӕны, ӕмӕ мах, Йӕ цагъартӕ, аразынмӕ бавналдзыстӕм, сымах та Йерусалимы ницы хъуыддаг ис, хай дӕр ӕмӕ уын дзы бар дӕр нӕй».


Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».


Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау, быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.


Давиды псалом. Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз.


Ӕз, Даниил, уыцы рӕстӕг ӕртӕ къуырийы ком дардтон:


Уӕларвон Хуыцауӕй хорзӕх курӕнт, цӕмӕй сын фыны сусӕгдзинад раргом кӕна ӕмӕ сӕ Вавилоны иннӕ куырыхонтимӕ ма амарой.


Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Бӕрӕгбӕттӕ чи мысы, уыдонӕн Ӕз фӕсурдзынӕн сӕ хъыгтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы уӕзӕй фервӕздзысты.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan