Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Неемиа 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Неемиа 1:11
27 Iomraidhean Croise  

Абон цъаймӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис!


Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.


Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты ис сӕ дыууӕмӕ дӕр


хистӕр дзагдары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, цӕмӕй та фараоны къухмӕ дӕтта синон;


Фӕлӕ Йосеф хистӕр дзагдары зӕрдыл не ’рлӕууыди. Ферох дзы ис.


Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»


О мӕ Хуыцау! Ацы бынаты Дӕм чидӕриддӕр скува, уыдонмӕ-иу ӕркӕс ӕмӕ-иу сӕ фехъус!


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!


Уый уыд Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азы, нисаны мӕйы. Паддзахы раз сӕн уыди. Ӕз дзы кӕхцы ӕркодтон ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдтон. Паддзах мӕ уымӕй размӕ ӕнкъардӕй никуы федта, ӕмӕ мын загъта: «Цӕуыл ӕнкъард дӕ? Рынчын нӕ дӕ, уый бӕрӕг у, фӕлӕ, бӕлвырд, дӕ зӕрдӕйы цыдӕр хъыг ис». Мӕнӕн мӕ уд фӕтахти.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.


Уӕ зӕрды ис адӕймаджы бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын, фӕливын уын ӕхсызгон у. Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц, зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ.


Дунедарӕг адӕмты сфысты ныффысдзӕн: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым.»


Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Мӕ хорзӕх уыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уын ныххатыр кӕндзӕн, уӕхи зӕхмӕ уӕ раздахдзӕн“.


Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».


Кувут мах тыххӕй. Не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan