10 Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!
Кад Дын кӕнӕм, стауӕм Дӕ, Хуыцау! Ӕдзухдӕр нӕ былалгъыл ис Дӕ ном, адӕмӕн хъусын кӕнӕм Дӕ диссӕгтӕ.
Ӕрвылрайсом нӕ Дӕ хорзӕхӕй ӕфсад, цӕмӕй зӕрдӕрухс уӕм, нӕ царды бонтӕ цинимӕ ӕрвитӕм.
Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.
Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.
Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.
Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.
Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!
Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.
Дӕ адӕм куы сты, Дӕ исбон, Дӕ арм кӕуыл дардтай ӕмӕ Де стыр хъомысы руаджы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон“.