7 Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн.
Ӕрцыди дыл дывӕр бӕллӕх, ӕмӕ дын чи батӕригъӕд кӕндзӕн, чи дын фӕфидар кӕндзӕни дӕ зӕрдӕ? — Бӕстӕ ныггӕныстон ис, адӕмӕй та чи сыдӕй амарди, чи кардылӕфтыд баци.
О Йерусалим, чи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, чи дыл скӕудзӕн? Куыд сты дӕ хъуыддӕгтӕ, зӕгъгӕ дӕм фӕрсӕг чи бацӕудзӕн?
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз бафхӕрдзынӕн вавилойнаг паддзахы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр, Ассирийы паддзахы куыд бафхӕрдтон, афтӕ.
«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».
Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?
Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.
Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ.
Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»