5 дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгомы онг сфӕлдахдзынӕн, адӕмтӕн дӕ равдисдзынӕн бӕгънӕгӕй, дӕ худинаг дын паддзахӕдтӕн фенын кӕндзынӕн.
хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.
Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!
Ӕз рацыдтӕн дӕ ныхмӕ, Сӕрыстыр, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — дӕ азары бон, дӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд.
уый тыххӕй дын Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн де ’ппӕт хӕзгулты дӕр, дӕхи кӕмӕй рӕвдыдтай ӕмӕ кӕй уарзтай, уыдоны, стӕй, де сӕфт кӕмӕй уыдтай, уыдоны. Алырдыгӕй дӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕаллайаг кӕндзынӕн сӕ разы, ӕмӕ дын уыдон дӕ худинагмӕ кӕсдзысты.
Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн.
Мӕ маст дыл ныххуырсдзынӕн; уыдоны хъӕхъхъаг зӕрдӕйы амӕттаг дӕ бакӕндзынӕн: уыдон дын алыг кӕндзысты дӕ фындз ӕмӕ дӕ хъустӕ, дӕ адӕмы та дын ныццӕгъддзысты кардӕй. Дӕ фырттӕ ӕмӕ дын дӕ чызджыты сахарӕй уацары ракӕндзысты, цы ма дӕм баззайа, сахарыл та арт бандзардзысты.
Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.
уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ.
Шафиры цӕрджытӕ! Ӕгадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм ацӕут! Цаананы цӕрӕг нӕ алидздзӕнис; Бет-Ха-Эцелӕй хъарӕг хъуысы, фӕлӕ ӕххуыс нӕ фендзысты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.
Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!