3 Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ. Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц.
Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.
Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.
Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.
Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.
Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.
Хӕстон уӕрдӕттӕ фӕцӕйтӕхынц уынгты, фӕзты дыууӕрдӕм кӕнынц, цырӕгътау цӕхӕртӕ калынц, ӕрвӕрттывдау ферттивынц.
Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты, Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.