18 Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.
Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».
Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!
Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.
Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз бафхӕрдзынӕн вавилойнаг паддзахы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр, Ассирийы паддзахы куыд бафхӕрдтон, афтӕ.
Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».
Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.