16 Арвыл стъалытӕ уый бӕрц нӕй, дӕумӕ сӕудӕджертӕ цас ис, фӕлӕ сӕ базыртӕ айтындздзысты ӕмӕ мӕтыхтау атӕхдзысты.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!
Сӕ хъӕстӕ дӕр сын арвы стъалытау сбирӕ кодтай ӕмӕ, бацӕут ӕм ӕмӕ сымах бауыдзӕни, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, уыцы зӕхх сын радтай.
Дунедарӕджы дзырдмӕ нӕ байхъуыстой Йӕ адӕм — кӕмӕй сын загъта, уыцы адӕмты нӕ ныццагътой,
Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?
Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».
Иу бал иннӕйы фӕдыл тӕхынц мӕтыхтӕ. Фыццаг ӕрдонгӕй цы аирвӕзти, уыдон аныхъуырдтой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг балтӕ; уыдонӕй ма цы аирвӕзт, уый та — цыппӕрӕм.