Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Наум 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Наум 3:13
11 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн.


Йӕ бӕхты ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕтты, стӕй, йе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты ныхмӕ дӕр кард систӕуыд, ӕмӕ сылгоймӕгтау стӕппуд уыдзысты.


Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.


Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты.


Цӕугӕдоны ауазӕнтӕ ратыдтой, знӕгтӕ дӕрӕн кӕнынц паддзахы галуан.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гомгӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!


Уӕддӕр басудздзынӕ арты, карды амӕттаг бауыдзынӕ! Цыма дӕ мӕтыхтӕ бахордтой, уыйау де сӕфт ӕрцӕудзӕн. О, сбирӕ у мӕтыхтау!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan