12 Дӕ фидӕрттӕ сты легъуи бӕласы рӕгъӕд дыргъты хуызӕн: куы сӕ бауигъай, уӕд, чи сӕ хӕры, уымӕн йӕ дзыхмӕ ’рхаудзысты.
Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни, афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы, уый йе ’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн.
Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.
Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц.
Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудысты зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуи бӕлас куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, уыйау.