Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Наум 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Наум 3:10
17 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йӕ Хазаел афарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕмӕй суынгӕг ис, ме ’лдар?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы адӕмӕн фыдбылыз кӕй скӕндзынӕ, уымӕй. Сӕ фидӕрттӕ сын басудздзынӕ, сӕ лӕппуты сын карды амӕттаг бакӕндзынӕ, сӕ дзидзидайты сын ныммардзынӕ, се ’нхъӕлцау сылгоймӕгты сын афаддзынӕ».


Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут.


Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!


сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,


Сӕ сабиты сын сӕ цӕсты раз амардзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ хӕлӕттаг фӕуыдзысты, сӕ устытӕй сын фӕхынджылӕг кӕндзысты.


Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.


Ӕз мысырӕгты ратдзынӕн ӕгъатыр хицауы къухмӕ, тызмӕг паддзах сын ӕлдариуӕг кӕндзӕни», — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.


Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!


О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!


куы дыл ныххӕцыдысты, уӕд афастӕ ӕмӕ сын сын се уӕхсчытӕ ныррӕхуыстай; куы дыл ӕрӕнцой кодтой, уӕд асастӕ, ӕмӕ сӕ къӕхтӕ фӕдыдӕгътӕ сты.


Мӕ адӕмыл Мын хӕлттӕ ӕппӕрстой, ӕвзонг лӕппуйы хӕтаг сылыл ивтой, чызджыты-иу сӕныл ауӕй кодтой ӕмӕ-иу нуӕзтой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой.


Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ исбон хӕлӕфӕй куы давтой, йӕ кулдуарӕй куы бахызтысты ӕмӕ Йерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд ӕм ды та фӕрсӕрдыгӕй кастӕ. Ды дӕр уыдоны хуызӕн уыдтӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan