5 Ассирийы паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонтӕм сиды, фӕкӕлфӕкӕлгӕнгӕ, фезгъорынц. Сахары систӕм сбырыдысты, фӕлӕ ныридӕгӕн сӕ разы знаджы гӕнӕхтӕ сырӕзтысты.
Фынг ӕрӕвӕрдтой, гауызтӕ ӕрытыдтой ӕмӕ минас кӕнынц. Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд: «Сыстут, барджынтӕ, байсӕрдут уӕ уартытӕ!»
Уыдон нӕдӕр фӕлмӕцгӕ бакӕндзысты, нӕдӕр сӕ удтӕ рафтдзысты, нӕдӕр сӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн. Уыдзысты ронбаст, сӕ дзабыры бостӕ дӕр нӕ райхӕлдзысты.
Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.
Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ фатӕхсджытӕм фӕдзурут! Фатӕхсджытӕ, сахарыл ӕрхъула кӕнут, мачи дзы раирвӕзӕд! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын стӕрхон кӕнут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый хӕцыд Дунедарӕджы, Израилы Уаз Хуыцауы, ныхмӕ.
Цӕугӕдоны ауазӕнтӕ ратыдтой, знӕгтӕ дӕрӕн кӕнынц паддзахы галуан.
Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.
Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ. Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц.
Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.