Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Наум 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Наум 2:2
14 Iomraidhean Croise  

Йӕ цӕрӕнты — Хуыцау, сӕ армдарӕг.


Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Моав йе ’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт.


Сӕнӕфсиртонджытӕ дӕм куы ’рцӕуиккой, уӕд ма дӕм уыдон цалдӕр гагайы ныууадзиккой. Ӕхсӕвыгон дӕм давджытӕ куы фӕзыниккой, уӕд, цас сӕ хъӕуы, уый бӕрц дӕ фӕдавиккой.


уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: израилӕгты ракӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн кӕм цӕрынц, уырдыгӕй, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзынӕн алырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ.


Сӕхи нал фӕчъизи кӕндзысты сӕ хуыцаугӕндтӕм ӕмӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй, сӕ алы фыдракӕндӕй. Суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, тӕригъӕды кӕм цыдысты, сӕ уыцы цӕрӕнбынӕттӕй, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.


Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.


Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.


Дон сис дӕхицӕн ӕмӕ йӕ ӕрӕфснай, уымӕн ӕмӕ дыл знӕгтӕ ӕрхъула кӕндзысты. Дӕ гӕнӕхтӕм дӕр базил! Ӕлыг змӕнт, агуыридуртӕ араз, сфидар кӕн дӕ систӕ!


Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan