Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Наум 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Наум 2:10
24 Iomraidhean Croise  

Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.


Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.


Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.


Бафӕрсут-ма искӕй ӕмӕ ахъуыды кӕнут: нӕлгоймагӕн йӕ бон ныййарын у? Уӕдӕ цы уынын Ӕз: нӕлгоймӕгтӕ арӕг устытау ныкъкъӕдзтӕ сты! Сӕ цӕсгӕмттӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты.


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Зӕгъ-иу: „О Дунедарӕг! Ды сфӕнд кодтай ацы бынат фесафын, цӕмӕй дзы адӕм дӕр ӕмӕ сырдтӕ дӕр макуыуал ӕрцӕрой, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыр феста“.


«Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд.


Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕлас мӕрдтыбӕстӕм куы ныххызт, уӕд ыл Ӕз бахъынцъым кӕнын кодтон ӕгӕрон фурд. Сӕхгӕдтон ӕй, бацауӕзтон ын йӕ цӕугӕдӕттӕ, ӕрлӕууын кодтон стыр дӕттӕ ӕмӕ Ливанӕн ацы бӕласыл сау дарын бафӕдзӕхстон. Хъыг ыл кодтой хъӕды иннӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.


Сӕ уындӕй адӕм фыр тӕссӕй нырриздзысты ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл туджы цъыртт нал баззайдзӕн.


Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.


Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: — Ӕз ныццагътон адӕмты, сӕ фидӕрттӕ сын ныппырх кодтон, сӕ уынгты сын цъиуызмӕлӕг нал ныууагътон, сӕ сахартӕ сын хӕлӕттаг фӕкодтон, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.


Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд тас бацыди нӕ зӕрдӕты ӕмӕ нӕ иумӕ дӕр уӕ ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс нал ис, уымӕн ӕмӕ базыдтам: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕлдариуӕг кӕны уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр, уӕле дӕр ӕмӕ дӕле дӕр.


Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan