8 Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!
Дудгӕбон акодта мӕ сӕрыл, мӕ кад мын дымгӕмӕ ныддардӕуыд, мӕ цардамонд ӕврагъау атади.
Бакӕс-ма йын йӕ сӕвджын синтӕм, йӕ гуыбыны хъӕддых нуӕрттӕм!
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Дунедарӕджы азары бон ӕрӕввахс — судзгӕ мастӕй йедзаг! Уыцы бон бабын уыдзӕни зӕхх, тӕригъӕдджынтӕ фесӕфдзысты зӕххы цъарӕй.
Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.
Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат, уый хӕлд ӕрцӕудзӕн, мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат, уый нӕ фӕлӕудзӕн. Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн.
Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;
зӕххыл сӕ цӕст ахӕсдзысты, алы ран дӕр — бӕллӕх ӕмӕ саудалынг, ӕмӕ саудалынджы хай бауыдзысты. Фӕлӕ ныр саудалынг кӕм ӕртыхст, уым ӕдзух афтӕ нӕ уыдзӕни.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.
Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр.
Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.
Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.
Аразгӕ цады дон йӕ ауазӕнтӕй куыд ратоны, уыйау адӕм лидзынц Ниневийӕ. Хъӕр сӕм кӕнынц: «Ӕрлӕуут-ма! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ дзы иу дӕр не здӕхы фӕстӕмӕ.
Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.
Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.