Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Наум 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Наум 1:5
34 Iomraidhean Croise  

Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.


Уӕларвы цӕджындзтӕ ризынц, Йӕ нӕрынӕй ныккӕрзынц.


Хӕхтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй сӕ ӕваст иуварс куыд ассоны, мӕстыйӕ сӕ куыд фӕфӕлдахы, уый ничи зоны.


Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.


Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»


Ӕнӕхинтыл Йӕ арм дары Дунедарӕг, ӕз бастадтӕн, ӕмӕ мӕ Уый фервӕзын кодта.


Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.


Дунедарӕджы Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ царддӕттӕг у. Йӕ уагӕвӕрдтӕ раст сты, ӕнӕхинӕн уӕлзонд дӕттынц.


Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.


Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.


Ӕврагъцӕджындзӕй дзырдта семӕ, Ӕгъдау сын радта, ӕмӕ уыдон ӕххӕст кодтой Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ.


Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.


Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.


Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.


Мӕ разы фыр тӕссӕй нырриздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, зӕххы цъарыл чи цӕры, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр. Ракӕлдзысты хӕхтӕ, афӕлдӕхдзысты къӕдзӕхтӕ, ныккӕлдзысты зӕххыл сахарты бырутӕ.


Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕххыл куы андзӕва, уӕд зӕхх сӕнкъуысдзӕн, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон ныддодой кӕндзысты. Зӕхх хӕрдмӕ фӕцӕудзӕнис Нилау, Мысыры цӕугӕдонау фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕнис дӕлӕмӕ.


Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.


ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.


О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»


Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.


Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.


Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыди уӕларвӕй, дур афӕлдӕхта ӕмӕ йыл ӕрбадти.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.


Синайы Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз, рызтызты хӕхтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan