2 Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.
Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн, афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн, ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн.
Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй Дунедарӕджы сыстауӕм, кад кӕнӕм Хуыцауӕн, нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Дунедарӕгӕй дарддӕр макӕцы хуыцаумӕ кувут, уымӕн ӕмӕ Йӕ ном Ӕнувыддзинад домӕг Кӕмӕн у, Уый у ӕхсайгӕзӕрдӕ Хуыцау.
Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау, разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ. Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ Йӕ хъомысӕй ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.
Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.
Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх.
Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.
Рагон пехуымпартӕ, мах размӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыдон бирӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕн дзырдтой, фидӕны сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц хӕстытӕ, бӕллӕхтӕ ӕмӕ рынтӕ.
Ау, никуы ссӕудзӕни Дӕ маст, ӕнусмӕ мӕм мӕсты кӕндзынӕ?» Афтӕ дзурыс, фӕлӕ дӕ бон цас у, уыйас фыдракӕндтӕ кӕныс.
Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».
Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.
Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!
Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн Израилы тыххӕй ӕмӕ зӕгъ хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз ацы ныхас мӕстӕй судзгӕйӕ дзурын, уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн хынджылӕггаг систут.
Фӕлӕ Гог Израилы ныхмӕ куы рацӕуа, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыцы бон пиллон артау ссудздзӕни Мӕ маст.
Фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз ныр зӕгъын: уыцы бон Израилы зӕххыл уыдзӕн ӕвирхъау зӕххӕнкъуыст.
Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.
Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.
Дард ран чи уа, уый амӕлдзӕн емынӕйӕ, хӕстӕг ран чи уа, уый та фӕмард уыдзӕни карды цӕфӕй. Удӕгасӕй ма чи баззайа, уый та амӕлдзӕни сыдӕй. Афтӕ сыл Ӕз ныххуырсдзынӕн мӕ азар.
Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».
Уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йӕ зӕххӕн, ӕркӕсдзӕнис Йӕ адӕммӕ.
уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Мӕнмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕмтӕй Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн.
Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.
Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта: «Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм,
Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Сионмӕ Мӕ зӕрдӕ ’хсайы, Мӕ зӕрдӕхсайд пиллон артау судзы.
«Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты.
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау!
Йӕхи Йыл чи тигъ кӕны, уыдонӕн аккаг фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн — се ’ппӕтыл дӕр ӕвӕстиатӕй Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдзӕн.
Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».
Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг Хуыцау у, ӕнувыд Хуыцау, уе ’наккаг митӕ ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн.
Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,