11 Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!
Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»
Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ӕвӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ.
Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм аразынц фыдвӕндтӕ, фыдбылызы уынаффӕтӕ кӕнынц ацы сахары.
Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!
Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ цӕмӕн аразут? Ныццӕгъддзӕн уӕ, ӕмӕ знаг ногӕй нал сыстдзӕн.
Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой,