10 Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!
Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».
Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг! Бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
О Хуыцау, баххуыс мын кӕн! Мӕ улӕфӕнтӕм схӕццӕ ис дон.
Дӕ ныхмӕ растджыты Де стыр хъаруйӕ афӕлдӕхтай зӕххыл; артау ссыгъди Дӕ маст, хъӕмпы халау сӕ аныхъуырдта.
Адӕм Мысыры алы къуымты ныххӕлиу сты ӕмӕ хъӕмпы бӕсты кӕрддзых ӕмбырд кодтой.
Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.
Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»
Уымӕн ӕмӕ се ’нӕуагдзинад арт уадзы, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры, тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.
Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».
Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.
Гъемӕ уӕдӕ ды дӕр ныррасыг уыдзынӕ, знӕгтӕй фервӕзыныл дзӕгъӕлы архайдзынӕ.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта.