Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын дӕн, ӕмӕ Йын уымӕ гӕсгӕ фӕраздзынӕн Йӕ мастӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг равзара ӕмӕ мын тӕрхон рахӕсса, уӕдмӕ. Уый мӕ ракӕндзӕни рухсмӕ, ӕмӕ Йын фендзынӕн Йӕ рӕстдзинад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:9
36 Iomraidhean Croise  

Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы.


Ды дзурыс, нӕ Йӕ уыныс, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын Уый дӕ хъуыддаг ӕвзары, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс.


Ме ’нӕзонды аххосӕй сысмаг сты, хӕф кӕнынц мӕ цӕфтӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Куырмытӕн байгом кӕндзынӕ сӕ цӕстытӕ, ахӕстыты ракӕндзынӕ сӕ талынг ахӕстӕттӕй.


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Хӕссут раст уынаффӕтӕ, раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ уӕ тагъд рӕстӕджы фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ уын Мӕ рӕстдзинад раргом кӕндзынӕн.


О, додойаг фӕдӕн! Удхарӕй мӕлын, мӕ хъӕдгӕмттӕ риссынц, фӕлӕ зӕгъын мӕхицӕн: «О хъизӕмар, быхсдзынӕн дын!»


О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.


«Сраст нӕ кодта Дунедарӕг! Цомут ӕмӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъуыддӕгтӕ Сионы фехъусын кӕнӕм».


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл, иунӕг ӕхсӕнчъы фӕдыл!


Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.


Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!


Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan