Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:7
33 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!


Сомы ракодта Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Ӕнӕуынон мын у фыдгӕнджыты ӕмбырд, ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рбаддзынӕн.


Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр, хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!


О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Уыцы бон алы адӕймаг дӕр йе ’ргом раздахдзӕни йе Скӕнӕгмӕ, бацагурдзӕн Израилы Уаз Хуыцауы.


Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»


Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Дунедарӕг — мӕ исбон, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.


Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йын Йӕ раст тӕрхоныл ӕууӕнд, дӕ зӕрдӕ дар кӕддӕриддӕр Хуыцауыл.


О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзыназын ӕз! Арт аныхъуырдта ӕдзӕрӕг быдыртӕ, басыгъта бӕлӕстӕ.


Гӕнахы сӕрыл хъалагъур лӕууын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг мын цы зӕгъдзӕни, мӕ хъастӕн мын цы дзуапп ратдзӕни, уымӕ.


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan