6 Уымӕн ӕмӕ фырт худинаг кӕны йӕ фыды, чызг ралӕууы йӕ мады ныхмӕ, чындз — йе ’фсины ныхмӕ: адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ йе знӕгтӕ суыдзысты.
Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.
Ноджы ма Давид загъта Авишай ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртӕн: «Мӕхи фырт мӕ марынвӕнд куы кӕны, уӕд ма Бениамины мыггагӕй та цы бадомон? Ныууадзут ӕй. Уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕгӕй афтӕ фӕдзӕхст у.
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.
Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.
Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.
Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».
Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
Дӕ цӕдисонтӕ дӕ расурдзысты дӕ зӕххы арӕнтӕй, гадзрахатӕй дыл рацӕудзысты; демӕ хӕларӕй чи царди, уыдон дӕ басӕтдзысты. Дӕ къӕбӕр дын чи хӕры, уыдон дӕ чъылдымӕрдыгӕй ныццӕвдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Йӕ сӕрызонд фӕлыгъди бынтондӕр!»
Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.
Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.
Фыд уыдзӕни йӕ фырты ныхмӕ, фырт — йӕ фыды, мад — йӕ чызджы, чызг — йӕ мады, ӕфсин — йӕ чындзы, чындз — йе ’фсины ныхмӕ».
Ӕмӕ уыл суанг уӕ ныййарджытӕ, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ дӕр гадзрахатӕй рацӕудзысты, кӕйдӕрты уӕ мӕлӕтмӕ дӕр ратдзысты.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.