Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:5
11 Iomraidhean Croise  

Мӕ уд куы бастади мӕ мидӕг — зыдтай мын Ды мӕ фӕндаг. Цы фӕндагыл цыдтӕн, уым мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг.


Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас мӕ аздах ӕмӕ мын иу чысыл циндзинад ратт, цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».


Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.


Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Ус ӕнӕхъӕн авд боны, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ фӕкуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иу ран нал уагъта. Самсон дзы стыхсти ӕмӕ йын ӕвдӕм бон уыци-уыцийы дзуапп загъта, уый та йӕ радзырдта филистимӕгтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan