Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:4
16 Iomraidhean Croise  

Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?


Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы. Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон.


Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.


Худӕг ӕмӕ ницӕйаг сты уыдон, сӕ тӕрхоны заман фесӕфдзысты.


Иунӕг дӕр дзы нӕ фервӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕрхоны заман Ӕз Анатоты цӕрджытыл фыдбылыз бафтаудзынӕн».


Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.


Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы адӕмӕн нал уыдзӕни, рӕхойӕг какон сындзау, бӕхсындзау ӕй чи тыхсын кӕна ӕмӕ йыл ӕлгъ чи кӕна, ахӕм сыхӕгтӕ“. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».


Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.


«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan