Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:14
35 Iomraidhean Croise  

ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн.


О Дунедарӕг, ӕркъул кӕн уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрхиз дӕлӕмӕ; бандзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕла.


Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй тулдз бӕлӕстӕ ӕртасынц, сбӕгънӕг вӕййынц хъӕдтӕ; Йӕ Кувӕндонӕй хъуысы: «Кад Дын уӕд!»


Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!


Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый».


— О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


Мӕ кувӕг адӕмы лыстӕг фосӕн Шарон уыдзӕни хизӕнуат, се стуртӕн та Ахоры дӕлвӕз — ривӕддон.


Сыстут! Сабыр ӕмӕ ӕнӕмастӕй чи цӕры, уыцы адӕмы ныхмӕ схӕцут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕдӕр сӕм дуӕрттӕ ис, нӕдӕр ӕвдузӕнтӕ, ӕнӕхъыгдардӕй цӕрынц.


Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл.


О Дунедарӕг! Раздах нӕ Дӕхимӕ, ӕмӕ уӕд раздӕхдзыстӕм. О, ратт нын ногӕй рагзаманты цард!


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Хуссарварс чи цӕры, уыдон бацахсдзысты Исавы хох, дӕлвӕзы цӕрджытӕ — филистимӕгты зӕхх, Ефрем ӕмӕ Самарийы быдыртӕ. Бениамин та бацахсдзӕнис Галаад.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.


Мысыры зӕххӕй сӕ раздахдзынӕн, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Галаад ӕмӕ Ливанмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр бынат нал фаг кӕндзӕн.


Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.


Ӕмӕ уӕд Дунедарӕгӕн, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы нывӕндтӕ ногӕй суыдзысты ӕхцон.


Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.


Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ».


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр дунейӕ не сты.


Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan