Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:13
22 Iomraidhean Croise  

Ӕрӕййӕфтон афтӕ: тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта, уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци,


уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.


Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут, сахары кулдуары раз ӕй сыстаут!


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Уыцы бон сӕ фидаргонд сахарты цӕрӕг уд нал баззайдзӕн, израилӕгтӕ кӕй ныппырх ӕмӕ федзӕрӕг кодтой, уыцы хиввӕгтӕ ӕмӕ аморӕгты сахартау.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн ӕмӕ йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн; ӕвдай азы дӕргъы ацы адӕмтӕ уыдзысты Вавилоны паддзахы уацары.


Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.


Ацы бӕстӕйы адӕмӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йерусалимы цӕрджытӕн Израилы адӕмы тыххӕй: сӕ къӕбӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕрдзысты ӕмӕ сӕ дон катайгӕнгӕ нуаздзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты фыдракӕндты аххосӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕни йӕ бӕркадӕй.


Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.


уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan