12 Уыцы бон дӕм дунейы алы кӕрӕттӕй адӕм цӕудзысты: Ассирийӕ — Мысыры сахарты онг, Мысырӕй — Евфраты онг, иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ, хохӕй хохмӕ.
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.
Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа, уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл, кӕддӕр Израилы адӕм Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.
Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,
Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».
Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.
Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».
Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.
Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».
Уыцы бон Ӕз Израилы адӕмы ногӕй схъомысджын кӕндзынӕн, дӕуӕн та ратдзынӕн уыдонӕн пехуымпариуӕг кӕныны бар, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: израилӕгты ракӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн кӕм цӕрынц, уырдыгӕй, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзынӕн алырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ.
Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.