Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дӕ систӕ амайыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ уыдзӕн, дӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:11
12 Iomraidhean Croise  

Загътон сын, цы бӕллӕхы бахаудтам, уый уӕхӕдӕг уынут, зӕгъгӕ: Йерусалим гӕныстон фӕци, йӕ кулдуӕрттӕ арты хай баисты. Уӕдӕ бавдӕлӕм, ӕмӕ йын йӕ къул самайӕм, цӕмӕй нырау ӕгад мауал уӕм фидӕны.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Аммонаг Тобиа дӕр йӕ цуры уыд ӕмӕ йын загъта: «Уадз ӕмӕ аразой: рувас ыл куы ауайа, уӕд дӕр ӕркӕлдзӕн сӕ дурӕй амад къул».


Цыфӕндыйӕ дӕр мах куыстам ӕмӕ нӕ къул ӕрдӕгмӕ фестӕм, ӕмӕ дарддӕр кусынмӕ дӕр адӕм цӕттӕ сты.


Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.


«Дӕ цатыры бынат фӕпарахатдӕр кӕн, йе ’мбӕрзӕнтӕ йын фӕуӕрӕхдӕр кӕн, ма бацауӕрд. Йе ’лвасӕн бӕндӕнтӕ йын фӕдаргъдӕр кӕн, зӕгӕлмихтӕ сӕ бынӕтты ныффидар кӕн.


Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».


О, сымах ногӕй рацараздзыстут, незамантӕй нырмӕ хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan