Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Михей 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Михей 7:1
14 Iomraidhean Croise  

Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.


Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?


Израилы адӕм скуынӕг уыдзысты, оливӕ бӕлас куы ’рцӕгъдынц, уӕд ма йӕ цъуппыл дыууӕ-ӕртӕ, йӕ бинаг къалиутыл иугай гагатӕ куыд аззайы, уыйау, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы ’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы ’ртонынц, уый хуызӕн.


Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»


Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни, афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы, уый йе ’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


О, мӕ ныййарӕг, додойаг фӕдӕн, кӕй мӕ ныййардтай, уый тыххӕй, быцӕу чи кӕны, ӕгас дунеимӕ загъд чи кӕны, уыцы адӕймаджы! Ӕз ӕфстау ӕхца никуы радтон ӕмӕ хӕс никуы райстон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр алчидӕр ӕлгъиты.


Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.


Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»


„Ды хъарӕг кӕныс дӕхиуыл, Дунедарӕг мын мӕ хъизӕмӕрттыл маст бафтыдта, мӕ хъӕрзынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал арын, зӕгъгӕ“. Фӕлӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕхӕдӕг цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн мгас бӕстӕйы, цыдӕриддӕр ныссагътон, уыдон срӕдувдзынӕн.


«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!


«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.


Дунедарӕгӕн хаст тыллӕджы сӕртӕ иууылдӕр дӕу сты. Дӕ бинонтӕй сыгъдӕг чи у, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan